филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:48 воскресенье, 05 мая 2024
12 мая 2023, 11:49
Абон йæ юбилей бæрæг кæны дзырддзæугæ балеринæ Адырхаты Светланæ

Йæ ном сызгъæрин дамгъæтæй фыст æрцыд уырыссаг балеты историйы

Абон йæ юбилей бæрæг кæны Адырхаты Светланæ. Дзырддзæугæ балеринæ, Советон Цæдисы адæмон артисткæ, Стыр театры сызгъæрин дуджы прима-балеринæйыл сæххæст 85 азы. Адырхаты Светланæйы ном сызгъæрин дамгъæтæй фыст æрцыд уырыссаг балеты историйы. Йæ курдиат æмæ арæхстдзинадæн ын стыр аргъ скодта зындгонд балеринæ Галинæ Уланова. Адырхаты Светланæйы ном хаст æрцыдис дунейы балеты энциклопедитæм. Уымæй уæлдай аивадмæ фæндаг радта бирæ зындгонд артисттæн. Адырхаты Светланæйы сфæлдыстадон цардвæндаг райдыдта дард 1946-æм азы. Уæд Хуымæллæггаг астаздзыд чызджы къухы бафтыд Ленинграды хореографион училищæмæ бацæуын. Адырхаты Светланæ классикон сценæйы сарæзта бирæ ирд фæлгонцтæ. Уыдонимæ Китрийы фæлгонц «Дон Кихоты», Бахор «Индиаг поэмæйы», Заремæ «Бахчисарайаг фонтаны» æмæ æндæртæ. Иу сценæйы йемæ кафыдысты Марис Лиепа, Михаил Лавровский, Александр Годунов æмæ æндæртæ. Адырхаты Светланæ у Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй ордены кавалер, хорзæхгонд æрцыдис Фæллойы Сырх Намысы орденæй, Ирыстоны намысы орденæй æмæ æндæр хæрзиуджытæй. 2001-æм азы Адырхаты Светланæйы ном радтой Дзæджыхъæуы балеты скъола-студийæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania