24 января 2025, 11:04
Абон Красноярскы официалон æгъдауæй байгом уыдзæн «Иван Ярыгины Кубок» рамбулыны æппæтадæмон турнир
Цæгат Ирыстоны иугонд командæмæ хаст æрцыдысты 20 тыхджындæр богалы
Абон Красноярскы официалон æгъдауæй байгом уыдзæн «Иван Ярыгины Кубок» рамбулыны æппæтадæмон турнир. Цæгат Ирыстоны иугонд командæмæ хаст æрцыдысты 20 тыхджындæр богалы. Красноярскы гауызмæ рацæудзысты нæ командæйы раздзогтæ Найфонты Артур, Байаты Давид, Хъарданты Мæхæмæт. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Иван Ярыгины Кубок рамбулыны турнир æрæмбырд кæны дунейы хуыздæр спортсменты. Æппæтадæмон ерыстæ райдыдтой знон 23-æм январы, Иван Ярыгины номыл спорты Галуаны, æмæ цæудзысты 4 боны. Турнир арæзт цæуы ныр 36-æм хатт. Ерыс цæудзæн хæрзиуджыты 20 комплектыл. 10 – нæлгоймæгты хсæн æмæ ма уыйбæрц – сылгоймæгты хсæн. Ныридæгæн не мзæххонтæй финалмæ рацыд Байаты Давид.




