филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:14 воскресенье, 16 июня 2024
23 мая 2024, 11:44
Абон Сергей Меняйло бакæсдзæн йе рвылазон доклад республикæйы социалон экономикон райрæзты тыххæй

Уымæй дарддæр æхснæнады размæ рахæсдзæн хицауады куысты бæрæггæнæнтæ ивгъуыд азæн

Абон Сергей Меняйло бакæсдзæн йе рвылазон доклад республикæйы социалон экономикон райрæзты тыххæй. Уымæй дарддæр æхснæнады размæ рахæсдзæн хицауады куысты бæрæггæнæнтæ ивгъуыд азæн. Традицимæ гæсгæ мадзалы архайдзысты Федерацийы Советы уæнгтæ, Паддзахадон Думæ æмæ Цæгат Ирыстоны парламенты депутаттæ, министртæ, æхснæнадон организациты разамонджытæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ æмæ блогертæ. Раздæр Сергей Меняйло йæ телеграм каналы куыд ныффыста, афтæмæй йын ис, адæмимæ цæуыл аныхас кæна, уый. Фыццаградон фарстатыл банымадта медицинæ, цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад, транспорты системæ, стæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуысы фарстатæ. Мадзал райдайдзæн 12 сахатыл. Комкоммæ трансляци фенæн уыдзæн телеканал «Осетия Ирыстоны» эфиры, Сергей Меняйлойы аккаунтты социалон хызты, паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы сайты. Трансляци фехъусæн уыдзæн радио «Алани»-йы эфиры дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania