филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:34 пятница, 19 июня 2026
22 апреля 2026, 11:29
Абон Цыколайы арæзт æрцæудзæн Надгериты 5 æфсымæры Мухаджир, Мухарбег, Ехья, Мæхæмæт, æмæ Мазаны номыл республикон турнир дзюдойæ

Æфсымæртæ се ппæт дæр уыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæ

Абон Цыколайы арæзт æрцæудзæн Надгериты 5 æфсымæры Мухаджир, Мухарбег, Ехья, Мæхæмæт, æмæ Мазаны номыл республикон турнир дзюдойæ. Æфсымæртæ се ппæт дæр уыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæ. Дыууæйæ сæ фыдыуæзæгыл нал сæмбæлдысты. Дзюдойæ турнир дæр баст у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты уæлахизы бонимæ. 250 æвзонг спортсменæй фылдæр рацæудзысты сæ цæттæдзинад дзюдойæ равдисынмæ. Турниры архайынц республикæйы æппæт районты минæвæрттæ. Мадзал арæзт цæуы Надгериты хæствæллад хистæрты фæдонты хъæппæрисæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania