24 мая 2023, 11:41
Абон у Славайнаг фыссынады æмæ культурæйы бон
Бæрæг æй кæнынц Уæрæсейы æмæ бирæ чырыстон бæстæты
Абон у Славайнаг фыссынады æмæ культурæйы бон. Бæрæг æй кæнынц Уæрæсейы æмæ бирæ чырыстон бæстæты. Бæрæгбон баст у славайнаг алфавит аразджытæ Сыгъдæг Кирилл æмæ Мефодиимæ. Сæ нæмттæ сын абон æрымысдзысты аргъуанты. Нæ республикæйы цæры сæдæ адæмыхатты минæвары. Уыдон кæрæдзиимæ бæтты уырысаг æвзаг. Уый тыххæй абоны бæрæгбон нысан кæны иудзинад, нæ иумæйаг истори æмæ культурæ. Славайнаг фыссынады æмæ культурæйы бон нæ республикæйы, куыд æппæт Уæрæсейы, афтæ, саразынц наукон форумтæ, чингуыты армукъатæ, поэтикон изæртæ, концерттæ æмæ æндæр мадзæлттæ. Бæрæгбоны кадæн абон ЦИПУ-йы уырыссаг филологийы факультеты сараздзысты бæрæгбоны равдыст.