05 декабря 2019, 17:10
Абон Уæллаг Санибайы æрдзмæ рауагътой 10 европæйаг саджы
Уæздан сагтæ фыццаг рæстæг уыдзысты Цæгат Ирыстоны фæлварæн цуанæтты хæдзарады, цалдæр мæйы фæстæ сæ ауадздзысты æрдзон уавæртæм
Абон Уæллаг Санибайы æрдзмæ рауагътой 10 европæйаг саджы.
Уæздан сагтæ фыццаг рæстæг уыдзысты Цæгат Ирыстоны фæлварæн цуанæтты хæдзарады, цалдæр мæйы фæстæ сæ ауадздзысты æрдзон уавæртæм. Цæрæгойты нæ республикæмæ æрбаластой Ростовы облæстæй. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ 2017-æм азæй фæстæмæ Цæгат Ирыстоны экологийы æмæ æрдзон æвæрæнты Министрад æрдзмæ ауагъта 60 уæздан саджы онг.
темæмæ гæсгæ