филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:34 вторник, 07 мая 2024
25 мая 2022, 11:37
Абоны фæсивæды фидæныл хъуыды кæнгæйæ йæ куыст аразы хъæбысхæстæй тренер Зæнджиаты Виктор

Йæ хъуыдымæ гæсгæ раздæры методтæй пайда кæнгæйæ, ис схъомыл кæнæн алы æмвæзады ног чемпионтæ

Абоны фæсивæды фидæныл хъуыды кæнгæйæ йæ куыст аразы хъæбысхæстæй тренер Зæнджиаты Виктор. Йæ хъуыдымæ гæсгæ раздæры методтæй пайда кæнгæйæ, ис схъомыл кæнæн алы æмвæзады ног чемпионтæ. Бæстондæр зындгонд тренеры куысты хабæрттæ Сосранты Жаннæйы сюжеты.

Зæнджиаты Викторы тренировкæтæ кæныны системæйы хи хæрдмæ ивазын ахсы сæйраг бынат. Афтæмæй йæ фæнды нырыккон скъолаты ахуырады хуыз раивын ахадгæдæр пъланмæ гæсгæ. Ныридæгæн, йæ хъуыдымæ гæсгæ, хъæбысæйхæсты ерыстæ систы хъару æмæ атлетикон зонындзинæдтæ æвдисæн фæрæз, цыдæр фесты цæрдæгдзинад æмæ æрхъудыдзинад. Викторы фæнды раздæхын раздæры æнусы методтæм. Сæ фæрцы йæ фæнды размæ къæхдзæф акæнын.

Ацы методикæ 50-йæм азты раиртæста æмæ йæ æнтыстджынæй царды рауагъта Советон Цæдисы сгуыхт тренер Дзгойты Аслæнбег. Ууыл дзурæг уыдысты йæ хъомылгæнинæгтæ – Андиаты Сослан, Бестауты Алымбег, Баллаты Амырхан æмæ иннæты бæрæггæнæнтæ. Зæнджиаты Виктор куыд зæгъы, афтæмæй абоны хъæбысæйхæсты системæ сси уæлдай æхгæд, фылдæр æргом дзы здæхт цæуы уæлдæр бæрæггæнæн райсынмæ.

Зæнджиаты Викторы тренировкæты фæрцы фылдæр фæсивæд цæуы залмæ. Уаниаты Хетæг бирæ азты архайдта æндæр залты, фæлæ дзы йæхи нæ ардта. Иу рæстæг æй фæндыд ныууадзын ацы спорты хуыз. Фæлæ Викторимæ куы базонгæ, уæд йæ уды ног монцтæ бацыд æмæ йæ бафæндыд дарддæр архайын.

Ацы хъæбысæйхæсты зал байгом æртæ мæйы размæ. Стыр нæу, ис дзы дыууæ гауызы. Уыимæ дзы архайы кæстæр æмæ хистæр къордты 20 адæймаджы. Фæлæ тренеры хъуыдымæ гæсгæ, афтæ хуыздæр дæр ма у. Афтæмæй фылдæр æргом здæхт цæуы сæ алкæцымæ дæр. Викторæн йæ куысты æххуыс кæны æрыгон æмкусæг Джиоты Георгий. Сæ дыууæйæ дæр уырны, тренер йæ хъомылгæнинагимæ бæрзонд æмвæзадыл куы нæ куса, уæд дзы æнтыстджын бæрæггæнæнмæ æнхъæлмæ кæсæн нæй. Уымæ гæсгæ арæх хæссынц дæнцæгтæ.

Æфсæйнгагимæ кусын дæр зонын хъæуы. Ис ын йæхи фæзилæнтæ. Канд хæцъæфтæ фылдæр кæныны нысаниуаг нæй, йемæ архайгæйæ, фæлæ ма адæймаджы буар ахуыр кæны алыхуызы змæлд кæныныл.

Зæнджиаты Викторы уырны – сентябры залмæ фылдæр фæсивæд кæй æрбацæудзæн. 5-7 азы фæстæ та, се хсæн хъуамæ фæзыной фыццаг дунейы чемпионтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania