Мадзал арæзт уыди Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстады кадæн иумæйаг проектимæ баст
Адæмты хæлардзинады хæдзары уыди Цæгат Ирыстоны æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы минæвæртты фембæлд. Мадзал арæзт уыди Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстады кадæн иумæйаг проектимæ баст. Конкурсы хатдзæгтæм гæсгæ, 65 сывæллоны æмæ сæ хъомылгæнинæгтæ хорзæхгонд æрцыдысты кады гæххæттытæй. Проекты архайджытæ сæ куыстытæ бахастой цалдæр къабазмæ гæсгæ: поэзийæ райдай, нывкæнынадæй, декаративон-æрмдæсныйады сфæлдыстадæй æмæ суанг бæстæзонынады онг. Ацы фембæлды фæрцы ис дыууæ регионы культурæ æмæ историимæ бæстондæрæй базонгæ уæвыны фадат. Программæйы — ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл æмдзæвгæтæ, сфæлдыстадон равдыстытæ æмæ бирæ æндæр лыстæг хъуыддæгтæ. Мадзал саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм проекттæ стыр æххуыс сты æрыгон фæлтæры хæлар ахастдзинæдтæн дæр.




