Мысæн мадзæлттæ ацыдысты Уæлахизы фæзы, æмæ æфсæддон ингæны цур
Æбæрæг салдаты боны кадæн митингтæ æмæ æндæр тематикон фембæлдтытæ арæзт æрцыдысты Мæздæджы районы дæр. Горæты цæрджытæ кад скодтой æбæрæг хæстонты номæн. Уыдоны хсæн, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмарди, уыдон, стæй 90-æм азты æфсæддон ныхмæлæуддзинады рæстæг йæ цард чи радта, уыдон. Мысæн мадзæлттæ ацыдысты Уæлахизы фæзы, æмæ æфсæддон ингæны цур. Сæ патриотон хæс сæххæст кæнынмæ æрбацыдысты æфсæддон тыхты ветерантæ, æвзонг æфсæддонтæ, хицаудзинады оргæнтæ, Мæздæджы хæлардзинады хæдзары, национ-культурон æхсæнадты минæвæрттæ, стæй рæзгæ фæлтæр. Мининджы бузныджы ныхæстæ загътой Фыдыбæстæйы сæраппонд йæ цард чи нæ бавгъау кодта, уыдонæн. Фембæлд ахицæн минут æдзæмæй алæугæйæ, уый фæстæ æнусон арты цур сæвæрдтой дидинджытæ.