филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:24 воскресенье, 10 ноября 2024
14 января 2020, 12:07
Æхсæнадон палатæйы эксперттæ аргъ скодтой закъоны проектæн

Юристтæ, депутаттæ æмæ республикæйы æхсæнады минæвæрттæ æрныхас кодтой бинонты хсæн тызмæг ахастдзинæдты профилактикæйы фæдыл экспертты хъуыдытыл

Юристтæ, депутаттæ æмæ республикæйы æхсæнады минæвæрттæ æрныхас кодтой бинонты хсæн тызмæг ахастдзинæдты профилактикæйы фæдыл экспертты хъуыдытыл. Æхсæнадон палатæйы эксперттæ аргъ скодтой закъоны проектæн. Сæ хъуыды иухуызон нæ разынди. Иутæ зæгъынц, нырыккон закъонывæрынад æххæстæй хъахъхъæны бинонты институт, иннæты хъуыдымæ гæсгæ та паддзахадад хъуамæ гæнæн æмæ амалæй сывæллæтты æмæ сылгоймæгты хъахъхъæна бинонты хсæн тызмæгдзинадæй. Афтæ, фæллойы æмæ социалон рæзты министрады хыгъды ис 250 тæссаг бинонтæ. Фæлæ уæддæр эксперттæ æрцыдысты иу хатдзæгмæ – закъоны проектыл ма хъæуы ноджыдæр бакусын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania