филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:48 суббота, 04 мая 2024
01 июня 2023, 11:44
Æнæзакъон бырондæтты рекультивацийы уавæрыл ныхас цыди, Дзанайты Барисы разамындæй цы æмбырд ацыдис, уым

Цæгат Ирыстоны æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министры хæстæ æххæстгæнæг Бæззаты Батраз радзырдта ныртæккæ цы мадзæлттæ æххæстгонд цæуы, уыдоны тыххæй

Федералон проект «Сыгъдæг бæстæ»-йы фæлгæты æнæзакъон бырондæтты рекультивацийы уавæрыл ныхас цыди, Дзанайты Барисы разамындæй цы æмбырд ацыдис, уым. Цæгат Ирыстоны æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министры хæстæ æххæстгæнæг Бæззаты Батраз радзырдта ныртæккæ цы мадзæлттæ æххæстгонд цæуы, уыдоны тыххæй. Бырондæтты фарста лыггонд цæуы дарддæр. Рагагъоммæ снысан кодтой фыццаг уал цы бынæттæм базилын хъæуы, уыдоны номхыгъд. Æмбырды куыд загътой, афтæмæй экологон æдасдзинад у республикæйы хицауады фыццаградон хæстæй иу. Йæ ахадындзинадæй та аразгæ у республикæйы цæрджыты æнæниздзинад æмæ царды хæрзхъæддзинад. Фарстамæ лæмбынæгæй йæ цæст дары республикæйы разамонæг Сергей Меняйло. Бакусын хъæуы, цæмæй регион æххæстæй архайа федералон проект «Генеральная уборка»-йы, загъта Дзанайты Барис. Премьер профилон министрадæн бафæдзæхста, фарстайыл æвæстиатæй бакусын. Ам ахсджиаг у курдиæттæ бадæттыны тыххæй документаци раст æмæ афоныл бацæттæ кæнын. Районты администрациты сæргълæуджыты размæ та вæрд ис хæс – ног æнæзакъон бырондæттæ рапарахат кæнын ма бауадзын, закъонхалджыты бæрнондзинадмæ здахын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania