филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:48 понедельник, 06 мая 2024
24 апреля 2024, 12:33
Æнусы рдæгмæ хæстæг Дур-Дуры цæрджыты бирæ фæлтæртæ схъомыл сты ацы рæвдауæндоны

Раздæр ацы бæстыхайы уыд цæрæн хæдзар

Рæстæджы цыдимæ бæллицтæ, хъуыддæгтæй царды сæ бынат арынц. Дыгуры районы Дур-Дуры хъæуы цæры цыппар сæдæ бинонтæй фылдæр. Бирæ азты се стырдæр тыхст у – цы сывæллæтты рæвдауæндон дзы ис, уым сабитæн фаг бынат кæй нæй, уый. Уæвгæ фехъусынæй фенын хуыздæр у. Сосранты Жаннæ бабæрæг кодта куыстуат æмæ уæм хæццæ  кæны йе нкъарæнтæ.

Æнусы рдæгмæ хæстæг Дур-Дуры цæрджыты бирæ фæлтæртæ схъомыл сты ацы рæвдауæндоны. Раздæр ацы бæстыхайы уыд цæрæн хæдзар. Арæзтадыл цæуы дзæвгар азтæ. Уымæ гæсгæ  йæ гæнæнтæ æмæ авналæнтæ абоны царды домæнтæн дзуапп нал дæттынц. Хаст æрцыд уынаффæ, цæмæй Дур-Дуры саразой ног рæвдауæндон. Уыцы хабарыл уæлдай цин бакодтой хъæуы æрыгон цæрджытæ.

Æнæмæнг Каринæйы ныхæстæн царды бынат ис. Ныртæккæ хъæуы цæмæй фылдæр фæсивæд цæра, куса, уый тыххæй дзы сæ сабийæн дæр хъуамæ уа райдзаст, удварны хæзнатæ фидардæр кæныны уавæртæ. Ууыл дыууæ нæ зæгъы Дур-Дуры рæвдауæндоны психолог Цъебойты Зæирæ.

Рæвдауæндоныл æрзилгæйæ, æмбæлы зæгъын, йæ коллектив кæй архайы сæ куыст сабиты, стæй сæ ныййарджыты зæрдæмæ куыд цæуа, ууыл. Кæд фæрстæ аскъуыдтæ сты, кæд цар сæрстытæ, уæддæр дзы цæры цыдæр æнахуыр зæрдæмæдзæугæ комулæфт.

Ныртæккæ  дихгонд æрцыд, рæвдауæндон саразынæн бынат. Раздæры бæстыхайы зæххы бæрц бар нæ дæдты   120 бынатæн бæстыхай саразынæн. Уæвгæ, ацы дыууæ азы Дур-Дуры цæрджытæм æнхъæлмæ кæсы , æрмæст рæвдауæндоны арæзтад нæ, фæлæ ма дзы конд æрцæудзæн социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæмтæ.

Афтæмæй та Паддзахадон программæты фарсхæсты фæрцы Ирыстоны  ноджыдæр иу хъæуы цæрджыты уавæртæ æмæ цардыуаг фæхуыздæр кæнынæн, фæзындзæн гæнæнтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania