филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:48 воскресенье, 19 мая 2024
14 октября 2020, 11:17
Æппæт республикæйы дæр бæрæг кæнынц цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады объекттæ зымæгмæ куыд цæттæ сты, у

Уыцы фарстайыл зæрдиагæй куыст æрцыд Æрæфы районы дæр.

Зымæджы сæйрагдæр хъуыддæгтæй иу у – адæмæн хъармдæттыны мадзæлттæ æмбæлгæ уагыл æххæст кæнын. Уымæ Цæгат Ирыстоны лæмбынæг каст цæуы. Æмæ районт  цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады уыцы фарстайыл зæрдиагæй кусынц

Ныртæккæ æппæт республикæйы дæр бæрæг кæнынц цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады объекттæ зымæгмæ куыд цæттæ сты, уый. Уыцы фарстайыл зæрдиагæй куыст æрцыд  Æрæфы районы дæр. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады сæргълæууæг Тотойты Хетæджы ныхæстæм гæсгæ районы цы 40 хъармгæнæны ис, уыдон цæттæ сты зымæгмæ, адæмæн хъарм хæссынмæ. Нырыккон хъармгæнæнтæ кæм ис, уыдонæй иу  арæзт у  Сырх Дыгуры скъолайы. Алцы дæр дзы у автоматикон системæмæ гæсгæ.

Хетæг куыд зæгъы, афтæмæй сæм ис сæрмагонд службæ, Уый йæ  цæст дары хъармгæнæнты куыстмæ, æмæ хъæндзинæдтæ аиуварс кæнынц рагагъоммæ.

Æрæфы районы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад кусы куыд ахуыргæнæндæттæ, рæвдауæндæттæ, стæй æндæр куыстуæттæ, афтæ бирæуæладзыгон хæдзæрттæ хъармæй æххæст кæныныл.

Куыд федтам афтæмæй, ныртæккæ Æрæфы районы уагдæттæ æххæст сты æппæт хъуыддагтæй дæр. Нæ фыдæлтæй цы ныхас баззад – Дзоныгъ зымæгмæ уалдзæджы цæттæ кæнгæ у- йы хъуыдыимæ   разы кæй сты, уый та гуырысхойаг нæу. Тотойты Хетæг зæрдæйæ æмбары   адæмæн лæггад кæныны хæс дæхимæ куы райсай, уæд йæ æххæст кæнын хъæуы бæрзонд æмвæзадыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania