филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:20 вторник, 30 апреля 2024
20 октября 2020, 11:52
Æппæт сезонты чи кусдзæн, уыцы туристон-рекреацион комплексы рæзты фæдыл фыццаг организацион æмбырдæн разамынд лæвæрдта Битарты Вячеслав

Æппæт сезонты чи кусдзæн, уыцы туристон-рекреацион комплексы рæзты фæдыл фыццаг организацион æмбырдæн разамынд лæвæрдта Битарты Вячеслав. Архайдтой ма дзы акционерон æхсæнад «Цæгат Кавказы курортты» генералон директор Хасан Тимижев, йæ хæдивæг Андрей Казак, стæй нæ республикæйы хицауады уæнгтæ. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг бæрнон кусджытæн загъта бузныджы ныхæстæ, ацы проект царды рауадзынæн стыр æххуыс кæй кæнынц, уый тыххæй. Уыцы куыст цæуы ныр 4 азы дæргъы. Се вæрæн æм хæссы Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министрад, стæй Уæрæсейы экономикон рæзты Министрад. Нæ республикæ федералон центры æххуыс йæхиуыл æнкъары, загъта Битарты Вячеслав.

Хасан Тимижев куыд фехъусын кодта, афтæмæй хæстæгдæр бонты специалисттæ бавналдзысты проект царды уадзынмæ. Дарддæр та хъæуы нæ иумæйаг куыстыл архайын. Фыццаджыдæр хъæуы Мамысоны территорийы зæххы хæйтты æмæ объектты инвентаризаци скæнын. Ис дзы, культурон хæзнатыл нымад чи у, ахæм 47 историон цыртдзæвæны, æмæ сæм се ргом здахдзысты туристтæ. 36 объекты нысан кæнынц рацаразын. Уый фæдыл ныхас цæуы Уæрæсейы культурæйы министрадимæ. Уымæй дарддæр ныридæгæн паддзахадон экспертизæ скодтой фæндæгты хæдзарады 3 объекты проектон-сметон документацийæн. Сæ иумæйаг аргъ уыдзæн 1 миллиард æмæ 900 милуан сомы. Республикæйы разамынд ма баныхас кодта акционерон æхсæнад «Газпром»-имæ, коммуналон инфраструктурæйы объектты фæдыл. Битарты Вячеслав бабар кодта кусæг къорд саразын. Йæ сæргъы уыдзæн премьер-министр Тускъаты Таймураз. Къорд æнгом æмгуыстад кæндзæн «Цæгат Кавказы курорттимæ», цæмæй проект царды уадзыны мгъуыд фæрæвдздæр уа, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania