03 сентября 2026, 11:25
Æппæтадæмон культурон-патриотон центр «Беслæн. 1-æм скъола»-йы кæрты ацыд акци «Номарæн цырагъ»
Республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ се вæрæн бахастой мысæн мадзалмæ
Æппæтадæмон культурон-патриотон центр «Беслæн. 1-æм скъола»-йы кæрты ацыд акци «Номарæн цырагъ». Республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ се вæрæн бахастой мысæн мадзалмæ. Ссыгътой 334 цырагъы 2004-æм азы теракты цы сабитæ, сæ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ фæмард сты, уыдоны номыл. Акци у традицион, арæзт æрцæуы алы аз дæр. Цырæгътæ ссудзынц æртæ саударæн боны дæр. Мыдадзын рухсытæ судзынц спортивон залы дæр. Адæм цæуынц æнустæм 1-æм скъолайы чи баззад, уыдоны ном æрымысынмæ.
темæмæ гæсгæ




