Рейдтæ сты фæткмæ гæсгæ
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты активистæ та сбæрæг кодтой Горæтгæрон районы скъолаты хæрæндæттæ. Рейдтæ сты фæткмæ гæсгæ. Уыимæ ма эксперттæ æркастысты Уæрæсейы Президент Владимир Путины уынаффæ, сывæллæтты тæвд хæринагæй æфсадыны тыххæй куыд æххæстгонд цæуы, уымæ. Сихорафон скъолаты хæрæндæттæ бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд дæр.
Джызæлы скъоладзауты хæрæндон ис сæ актон залы. Сæрмагонд цæлгæнæн сæм нæй, фæлæ сæ уый нæ хъыгдары 80 сывæллоны тæвд хæринагæй бафсадынæн. Ам сæйрагдæр у, цæмæй порцитæ уой нормæмæ гæсгæ.
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ ма бафиппайдтой, цæлгæнæны уазалгæнæнтæй иу, стæй къустæхсæн машинæ кæй нæ кусынц, уый. Скъолайы администраци зæрдæ бавæрдта, фарста хæстæгдæр рæстæг лыггонд кæй æрцæудзæн, уымæй.
Дæллаг Санибайы та æхсæнадон уæнгтæ ницы аипп сæвæрдтой. Хæринаг лæвæрд цæуы, цас æмбæлы, уыйбæрц, уазалгæнæны дæр хæринæгтæ дзуапп дæттынц домæнтæн, суанг ма сæ бынæттæм гæсгæ дæр.
Фæлæ цæмæй сывæллæтты тæвд хæринагæй æфсадой, уый тыххæй сæ бахъуыд кълæстæй иу радих кæнын, фæлæ дзы бынат гыццыл ис, æмæ æппæт кусæнгæрзтæй ифтонг не рцыд. Фæлæ райдиан кълæсты æппæт ахуырдзауты бафсадынц тæвд хæринагæй, кæд къордгай, уæддæр.
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты эксперт куыд бафиппайдта, афтæмæй бирæ хъæуккаг скъолаты нæй сæрмагонд кусæнгæрзтæй ифтонг цæлгæнæнæн.
Æппæтуæрæсеон адæмон фронт дарддæр йæ цæст дары республикæйы скъолаты хæрæндæттæм. Цы æрмæг æрæмбырд кæной, уый арвитдзысты æмбæлгæ ведомствæтæм.