филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:27 пятница, 10 мая 2024
03 июня 2019, 17:15
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады уæнгтæ цалдæр азы кæсынц нæ республикæйы фæндæгты уавæрмæ

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады уæнгтæ цалдæр азы кæсынц нæ республикæйы фæндæгты уавæрмæ. Æрæджы бабæрæг кодтой Рахизфарсы æмæ Алагиры районты фæндæгтæ. Кастысты къахвæндæгтæм дæр. Беслæны, Сиговы уынг у сæйраг уынгтæй иу. Ауылты цæуынц æфсæнвæндаджы вокзалмæ, уымæ гæсгæ йыл цæуы бирæ машинæтæ æмæ тагъд фехæлы. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон уæнгтæ кæсынц дзыхъхъытæм æмæ бæрæг кæнынц сæ нормæ. Зæгъæн ис, æмæ се ппæт дæр сты тæссаг. Ахæм æркаст ма уыд Менделеевы æмæ Дзæрæхохы-фырты уынгты. Ам дæр сты ахæм уавæры. Шофыртæ хъаст кæнынц, дзыхъхъыты аххосæй сæ машинæтæ арæх кæй асæттынц. Фæстаг 15 азы ацы фæндæгтæй иу дæр бындурон цалцæг нæ уыд, æмпызт дзыхъхъытæ та уавæр нæ ивынц. Ацы аз администрацийы фæнд у фæндаджы уæлцъар баивын.Алагиры фæндæгтæ сты къæхтытæ. Иутæ цалцæггонд цыдысты афæдзы размæ. Фæлæ уарынтæ асфальт ахастой. Дондзæуæнтæ дзы кæй нæй, уый фæндæгтæ халы æмгъуыдæй раздæр.Проект » Пырх фæндæгтæ» æххæстгæнгæйæ Æппæтуæрæсеон Адæмон фронты минæвæрттæ 3-аг аз сæ цæст дарынц республикæйы фæндæгтæм. Ацы хатт бæрæг кæнынц муниципалон фæндæгтæ, уыимæ къахвæндæгтæ дæр. Нормæмæ гæсгæ дзыхъхъæн йæ дæргъ хъуамæ уа 60 сантиметры, йæ арф та 10 сантиметрæй фылдæр ма уа. Специалисттæ сæ бæрæггæнæн куыстытæй разы не сты. Цы фæндæгтæ сбæрæг кодтой, уыдон сты æппæтуæрæсеон адæмон фронты сайты интерактивон картæйы. Сæ куыст кæдæй æххæст кæнынц, уæдæй фæстæмæ сты 175 фæндаджы. уыдонæй 113 дзыхъхъытæ сты нормæйæ фылдæр. 36 фæндаджы бындуронæй сцалцæг кодтой, 18 -ы та бампызтой дзыхъхъытæ.Республикæйы царды уадзынц национ программæ «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ». Ам фыццаградон хæстæй иу къæпхæнгай афтæ скæнын, цæмæй фæндаджы хæрзхъæддзинад 12 азмæ хæлд ма цæуа. Нырма уал кусынц 7 азмæ. Уыцы хæс фæндаггон службæйы кусджыты размæ æвæры республикæйы сæргълæууæг Битатрты Вячеслав дæр. Афтæ куыстытæм бавнæлдтой Дзæуджыхъæуы дæр. Ацы аз дзы хъуамæ бындуронæй сцалцæг кæной 30 фæндаджы. Алы уаццæгæн дæр бæрæггонд у рæстæг, æмæ уыцы æмгъуыдмæ хъуамæ куыстытæ фæуой. Ивынц ма къахвæндæгты бырутæ дæр. Æдæппæтæй Дзуджыхъæуы сцалцæг кæндзысты 20 егъау объектты, Къостайы проспекты иу уаццаджы баивдзысты рельсытæ, хицæн уынгты та бампуздзысты дзыхъхъытæ. Æркæсдзысты уарынты дондзæуæнты куыстмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania