филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:36 суббота, 04 мая 2024
15 ноября 2022, 11:32
Æппæтуæрæсеон акци «Бæлас ныссадз»-мæ йе вæрæн бахаста Мæздæджы район дæр

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 70 азы номыл скверы ныссагътой 200 кæрз бæласæй фылдæр

Экологийы сыгъдæгдзинад. Æппæтуæрæсеон акци «Бæлас ныссадз»-мæ йе вæрæн бахаста Мæздæджы район дæр. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 70 азы номыл скверы ныссагътой 200 кæрз бæласæй фылдæр. Бæлæсты ахæм хуыз у æнцон дарæн, æнцонæй фæхæцы горæтаг уавæрты дæр, – зæгъынц специалисттæ.  Акцийы архайджытæ уыдысты спортсментæ, районы администрацийы æмæ Мæздæджы фæсивæды социализацицы центры хайады минæвæрттæ, депутаттæ, горæты ирхæфсæн центры специалисттæ, механикон – технологон техникумы студенттæ æмæ 108 скъолайы ахуырдзаутæ. Акцийы ма бацархайдтой фыццæгæм спортивон скъолайы хъомылгæнинæгтæ стæй дзюдойы клубы уæнгтæ.   

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania