филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:45 вторник, 03 ноября 2026
03 января 2025, 15:36
Æппæтуæрæсеон акци «Бæллицты заз бæлас»-ы фæлгæты хицауады сæрдар Дзанайты Барис æмæ йæ хæдивджытæ сæххæст кодтой сабиты фæндонтæ

Акци ахæсдзæн 28-æм февральмæ

Æппæтуæрæсеон акци «Бæллицты заз бæлас»-ы фæлгæты хицауады сæрдар Дзанайты Барис æмæ йæ хæдивджытæ сæххæст кодтой сабиты фæндонтæ.

17 аздзыд Амалияйæн Дзанайты Барис балæвар кодта планшет. 14 аздзыд Рустам та Ног азмæ сси дымсгæ батуты хицау. Дзанайты Барис ма сæххæст кодта 3 аздзыд Дианæйы бæллиц дæр. Вице-премьер Икъаты Русланбег 15 аздзыд Артурæн балæвар кодта дзюдойы кимоно, 6 аздзыд Баграт сси зондджын колонкæйы хицау. 10 аздзыд Аланæ та ацы азы сæрды абалц кæндзæн Санкт-Петербургмæ. Вице-премьер Атараты Георгий сæххæст кодта 3 аздзыд Аспары зæрдæйы фæндон æмæ йын балæвар кодта велосипед. 5 аздзыд Элинæ та лæварæн райста караоке æмæ кукла. Хицауады сæрдары хæдивæг Александр Реутов  4 аздзыд Софийæйæн балæвар кодта велосипед. Вице-премьер Томайты Ирбег 14 аздзыд Георгийæн балæвар кодта компьютер. Акци ахæсдзæн 28-æм февральмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania