филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:15 понедельник, 06 мая 2024
24 апреля 2024, 12:34
Æрæджы Екатеринбурджы фесты Уæрæсейы фыццаг бынат рамбулыны ерыстæ шахмæттæй

Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ Дриаты Ланæ æмæ Лиана Цамалаидзе республикæйы кад æмбæлгæ æмвæзадыл бахъахъхъæдтой

Æрæджы Екатеринбурджы фесты Уæрæсейы фыццаг бынат рамбулыны ерыстæ шахмæттæй. Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ Дриаты Ланæ æмæ Лиана Цамалаидзе республикæйы кад æмбæлгæ æмвæзадыл бахъахъхъæдтой. Цы бæрæггæнæнтæ равдыстой, уыдон республикæйы нымад сты хуыздæртыл фæстаг 10 азмæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Спорты мастертæм кандидат Дриаты Ланæ шахмæттæй 7 азæй фылдæр архайы. Секцимæ бацæуын йæхи бафæндыд æмæ йæ йæ ныййарджытæ бакодтой. Интелекуалон хъазтмæ цымыдисдзинад æм сæвзæрд компьютры æфтуаны фæрцы. Ланæ ныридæгæн архайдта бирæ турнирты, сæ хыгъды федералон æмвæзадыл дæр. Æрæджы Уæрæсейы фыццаг бынаты рамбулыны ерысты бацахста 4-æм бынат категори «рапид»-ы.

Ланæимæ ерысты Цæгат Ирыстонæй уыд Лиана Цамалаидзе дæр. Сси 7-æм категори «классикон шахмæтты». Уый у республикæйы хуыздæр бæрæггæнæн фæстаг 10 азмæ.

Æдæппæтæй турниры архайдта 4 мин спортменæй фылдæр бæстæйы алы регионтæй. Сæ кармæ гæсгæ уыдысты 9-æй 21 азы онг. Спортментæ ерыс кодтой 3 категорийы – «рапид», «блиц» æмæ «классикон шахмæттæ». Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны хистæр тренер шахмæттæй Игорь Хрипков куыд зæгъы, афтæмæй чызджытæ æнтыстджын сты, æмæ ахсджиаг у дарддæр тренировкæ кæнын.

Ивгъуыд аз Дзæуджыхъæуы уыд гроссмейстер Павел Смирновимæ æмбырдтæ. Игорь Хрипковы ныхæстæм гæсгæ, уый хорз фæзынд чызджыты цæттæдзинадыл. Ныртæккæ шахмæтисткæтæ цæттæ кæнынц Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионатмæ. Уыдзæн сæрды Назраны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania