филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:03 воскресенье, 19 мая 2024
26 мая 2023, 12:50
Æрæфы районы арæзт æрцыд радон джип-триал

Бынæттон фæсивæд, сæ сæргъы Цыколайы цæрæг Цориты Руслан, афтæмæй æртыккаг аз аразынц ацы мадзал

Æрæфы районы арæзт æрцыд радон джип-триал. Бынæттон фæсивæд, сæ сæргъы Цыколайы цæрæг Цориты Руслан, афтæмæй æртыккаг аз аразынц ацы мадзал. Бацархайынц дзы республикæйы районты минæвæрттæ. 16 машинæйы хицæуттæ фæлвæрдтой сæ арæхстдзинад гуыргъахъ фæндæгтыл цæуынæй. Сæрмагонд маршруттæ бацæттой кодтой мадзал аразджытæ. Турниры архайджытæ тынг зæрдиагæй тырныдтой хуыздæр бæрæггæнæн равдисынмæ. Сæ хæдтулгæтæ æппæт фæлварæнтæн фæразон кæд нæ разындысты, уæддæр дзы æрдæгфæндагыл ничи баззад. Уæлахиздзаутæ хорзæхгонд æрцыдысты лæвæрттæй. Фæбæрæг кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ мадзалы архайджыты нымæц азæй азмæ фылдæр кæй кæны, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania