филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:13 среда, 08 мая 2024
07 апреля 2022, 12:30
Æрæфы районы хъæуты командæты хсæн турнир чысыл футболæй

Бæстæйы цæрджытæ æвдисынц сæ иузæрдиондзинад Украинæйы сæрмагонд операцийы фæдыл

Бæстæйы цæрджытæ æвдисынц сæ иузæрдиондзинад Украинæйы сæрмагонд операцийы фæдыл. Арæзт цæуы алыхуызон флешмобтæ æмæ акцитæ. Æрæфы районы разамынд æмæ цæрджытæ дæр се вæрæн хæссынц уыцы хъуыддагмæ. Радон мадзал – Æрæфы районы хъæуты командæты хсæн турнир чысыл футболæй, сарæзтой Сечеры хъæуы ног футболон фæзы. Спортивон мадзалы цыдимæ нæ базонгæ кæндзæн Сосранты Жаннæ.

Æмдыхæй басæттæн ис цыфæнды фидар дæр. Ахæм зондыл хæст уыдысты нæ хистæртæ. Уыцы хъуыды зæрдæйыл даргæйæ Æрæфы районы разамынд æмæ цæрджытæ агурынц алыхуызон гæнæнтæ фæкæсынхъуаг адæмы зæрдæтæ барухс кæнынæн. Сæ радон ацыд Сечеры хъæуы. Йæ нысан уыд Уæрæсейы æфсæддонтæн фарсхæст радтын. Уыд дзы районы хъæуты командæты хсæн чысыл футболæй турнир.

Йæ байгом кæныны кадджын мадзалы хъæуы хистæр ракуырдта уæларвон тыхтæй Украинæйы сæрмагонд операцийы æрхайджытæн уæлахиз æнцонæй сæ къухы куыд бафта. Сæ хæдзæрттыл  æнæнизæй куыд  сæмбæлой.

Сечеры скъолайы ахуырдзаутæ та бакастысты, сабырдзинады темæимæ баст æмдзæвгæтæ.

Зæгъын  хъæуы уый, æмæ мадзал кæй рауад цымыдисаг æмæ мидисджын. Бацархайдта дзы 8 командæйы. Турниры сæ æрæхстджын хъазты фæрцы  фыццаг бынатмæ рацыдысты Сечеры минæвæрттæ, дыккаг бынат райсын бантыст Цыколайы командæ «Мечеть»-æн, æртыккæгтæ та систы Цыколайы иннæ командæ «Челси»-йы футболисттæ. Хуыздæр размæбырсæгыл нымад æрцыд Нафиты Зауыр, турниры хуыздæр хъазæгыл та Тохъайты Сослан. Фæбæрæг кæнинаг ма у уый дæр, æмæ Сечеры футболон фæз кæй у ног арæзт. Æмæ дзы ахæм æмвæзадыл ерыстæ фыццаг хатт конд кæй æрцыд.

Мадзал бацæттæ кæныныл бакуыста Æрæфы районы администрацийы фæсивæды политикæйы æмæ спорты хайад, стæй бынæттон амалхъом адæм. Уæвгæ, Æрфы районы ахæм фарсхæсты акцитæ арæзт æрцыд цалдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania