филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:59 пятница, 17 мая 2024
04 апреля 2023, 11:04
Æрæфы районы кусы иунæг кадетон кълас

Цин ыл кæнынц куыд сывæллæттæ æмæ ныййарджытæ, афтæ ахуыргæнджытæ дæр

Курдиат раргом кæнын æмæ йын йæ райрæзтыл кусын. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойы фæндонмæ гæсгæ республикæйы скъолаты цы профилон кълæстæ байгом кодтой, уыдоны фæрцы фылдæр гæнæнтæ фæзынд сывæллæттæн. Сæхи фæлварынц алы къабæзты. Æрæфы районы ныртæккæ кусы иунæг кадетон кълас, цин ыл кæнынц куыд сывæллæттæ æмæ ныййарджытæ, афтæ ахуыргæнджытæ дæр. Цыколайы дыккæгæм скъола бабæрæг кодта Сосранты Жаннæ, æмæ федта, æрыгон æфсæддонтимæ куыст куыд цæуы, уый.

Цыколайы дыккæгæм скъолайы директор Дедегкаты Зинæидæ æнусы рдæг кусы ацы ахуыргæнæндоны, æмæ рæстæджы цыдимæ тынг зæрдиагæй æххæст кæны царды домæнтæ. Цин кæны, се скъолайы кадетон кълас кæй байгом кодтой, ууыл.

Фидæны рæстзонд, фыдæлты фæллæйттæн аргъгæнджытæ, фæлтæртæм сæ чи хæсдзæн, уыдоны рæнхъытæ хъуамæ баххæст кæной ацы сывæллæттæ. Сæ ныййарджыты ныхæстæм гæсгæ ногдзинад, раздæры хорз хъуыддæгтæ хæссæг у.

Ам сæ ахуыр кæнынц рæнхъытæй раст цæуыныл, патриотон темæимæ баст мадзæлттæ æмбарыныл, стæй сæ зондахаст фидардæр кæныны мадзæлдыл, Сæ алкæцыйыл  кусынæн дæр цы хъуыддæгтæ хъæуы, уыдонæй сты æххæст.  Къласæн ис дыууæ разамонæджы – иу ахуырадæн дзуапп дæтты, иннæ та патритон хъомыладæн.

Цæмæй сывæллæттæ сæ удæй æмбæрой æмæ фыдыбæстæйæн пайдайаг уæвынмæ тырной, уымæн æхъаз у, æрмæст сæ ахуыр нæ, фæлæ сæ уæлæдарæс дæр.

Кадетон кълæстæ Ирыстоны ис 16, уыдонæй иу у Цыколайы, æмæ æвæццæгæн се ппæт ахуырдзаутæ дæр, мах цы сывæллæттæ федтам, уыдоны хуызæн, зæрдиагæй цæуынц ахуыргæнæндонмæ.

Афтæмæй, куыд дарддæр, афтæ фылдæр æмæ  мидисджындæр хъуыддæгтæ аразын æмæ æвдисын  сæ бон уыдзæн  кадетон кълæсты ахуырдзаутæн. Сæ удварны хæзнатæн та нæ фæбæрæг уæвæн нæ уыдзæн, сæ алфамблайы цы æмгæрттæ уа, уыдонæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania