филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:09 пятница, 03 мая 2024
14 сентября 2022, 10:43
Æрæфы районы спортивон скъолайы дæр ис спорты цалдæр хуызы архайынæн гæнæнтæ

Фæлæ зæгъæм, дзюдойы къорды чи ис, уыдон та сæ уавæртæй разы не сты

Практикæ куыд амоны, афтæмæй стыр горæтты цæрæг сывæллæттæн фылдæр гæнæнтæ ис сæ миддунейы райрæзтыл архайынæн. Фæлæ, фæстаг рæстæг республикæйы районты дæр арæзт цæуы хуыздæр уавæртæ. Уымæ гæсгæ адæмы уырны ныр сæ сæ кæстæрты алыхуызæн секциты архайынмæ æндæр рæттæм ласын кæй нал хъæудзæн, уый. Æрæфы районы спортивон скъолайы дæр ис спорты цалдæр хуызы архайынæн гæнæнтæ. Фæлæ зæгъæм, дзюдойы къорды чи ис, уыдон та сæ уавæртæй разы не сты. Сæ курдиатмæ гæсгæ сын сæ тренировкæтæ бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд. Сосранты Жаннæ бæлвырддæр.

Спортмæ æмхиц сывæллонæн æвзæр фæндагбæл рацæуынæй тæссаг кæй нæу, уый  рафæлхат кодта рæстæг. Сывæллонæн куыд къаддæр уæгъд рæстæг уа, афтæ йæ уд кæны фидардæр. Ууыл хъуыды кæнгæйæй  цыуынц Цыколайы дэюдойы секцимæ сывæллæттæ æппæт районы хъæутæй. Тагъаты  Малика   ардæм цæуы респубоикæйы кæройнаг хъæу Лескенæй.

Ацы секцимæ цæуы 50 сывæллонмæ хæстæг. 10 азмæ дзы бирæ фæсивæд равдыста æнтыстджын бæрæггæнæнтæ.  Хæмыцаты Руслан Ижевскы Уæрæсейы ерыстæй ссыд бронзæ майданимæ. Куыд зæгъы афтæмæй сæ тренеры биноныг архайдæн сæ фæфæнды дзуапп радтын.

Тренер Золойты Чермены ныхæстæм гæсгæ алкæмæ дæр фенхъæлмæ кæсынц зæрдиагæй.

Не сфæлдыстадон къорды бацыдмæ канд сывæллæттæ не нхъæлмæ кастысты, фæлæ ма сæ ныййарджытæ дæр. Семæ радзургæйæ мын ракодтой сæ тыхст хабæртты кой. Сæ зæрдæ хсайы секцийæн сæрмагонд бынат кæй нæй, уымæ. Тынг сæ нæ фæнды йæ сæхгæнын.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ  Æрæфы районы ацы спорты хуызы  секци иунæг кæй, у. Æмæ йæ цы сывæллæттæ равзæрста, уыдоны  ныфс азы афонæй аразгæ кæд нæ уа, ууыл сæ зæрдæ дарынц секцимæ цæуджытæ сæ ныййарджытæ æмæ тренер.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania