филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:53 воскресенье, 16 июня 2024
22 мая 2024, 11:43
Æрæфы районы спорты къабаз аив кæнынц сæ арæхстдзинадæй хъæбысæйхæцæг сылгоймæгтæ

Сæ фыцæгты хсæн уыд Æхсæрысæры минæвар Катауты Анжелæ

Сылгоймæгты хъæбысхæст. Спорты ацы хуызæй Ирыстоны кæд парахатæй нæ архайынц, уæддæр ис, йæ хъарутæ равдисынмæ æмæ алы æмвæзады ерысты республикæйы кад бахъæхъхæнынмæ чи тырны, ахæмтæ. Æрæфы районы сопритвон комплексы архрайджытимæ фембæлд Сосранты Жаннæ æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Ссæдз азæй  фылдæр Æрæфы районы спорты къабаз аив кæнынц сæ арæхстдзинадæй хъæбысæйхæцæг сылгоймæгтæ. Сæ фыцæгты хсæн уыд Æхсæрысæры минæвар Катауты Анжелæ.

Уæвгæ, ацы спорты хуызы фæзындмæ  Цыколайы спортивон æхсæнады уæнгтæ æнахуыр цæстæй кастысты, фæлæ рæстæг куыд равдыста, афтæмæй йын царды егъау бынат ис.

Афтæ фæзыгъынц, алы хъуыддаджы фидæн дæр адæмæй аразгæ у. Байты Агундæ æмæ Гобеты Иринæ, ацы спорты хуызмæ æрбацыдысты гыццыл чызджытæй. Ныр сæ хъарутæ бафæлвæрдтой алы æмвæзады ерысты. Систы хуыздæртæ, уыимæ тырнынц уæлдæр , фылдæр æнтыстдзинæдтæм

Йæ куыст бирæ хæрзиуджытæ аккаг кæмæн сси, уыцы Осмæнты Русланы архайд хъуыстгонд у æппæт Ирыстоны дæр. Дзæвгар ныййарджыты фæнды сæ сывæллæттæ йæ бæрны бакæнын, цæмæй сын ацы спорты хуызы сусæгдзинæдтæ раргом кæна, уый тыххæй.

Кæддæр уырнгæ дæр никæмæй кодта, хъæуккаг чызджытæ спорты ацы хуызы сæхи афтæ æнтыстджынæй равдисдзысты, уый. Фæлæ цард цæуы, æмæ йæ кæнон кæны. Ныр Ирыстоны сылгоймæгты хъæбысæйхæсты командæйы уæнгтæ сты, хуыздæр бæрæггæнæтæ чи æвдисы, уыдоны æмрæнхъ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania