филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:03 понедельник, 13 мая 2024
05 июля 2019, 15:56
Æрæфы районы, Цыколайæ Æхсæрысæрмæ уаццагыл, ивынц дондзæуæн хызæг

Фæстаг хатт хæтæлтæ цалцæг кодтой 60 азы размæ

Æрæфы районы, Цыколайæ Æхсæрысæрмæ уаццагыл, ивынц дондзæуæн хызæг. Фæстаг хатт хæтæлтæ цалцæг кодтой 60 азы размæ. Зæронд коммуникацитæ рагæй нал бæззынц. Сæ кусыны æмгъуыдæй дзæвгар фылдæр бакуыстой. Уымæ гæсгæ адæммæ дон æххæстæй нæ хæццæ кæны. Ныр зæронд хæтæлтæ баивдзысты ныррыккон æрмæгæй конд ног хæтæлтæй. Сæ хæрзхъæддзинадмæ гæсгæ хъуамæ раздæры дондзæуæн системæйæ сæ куысты æмгъуд уа фылдæр. Куыстытæ конд цæуынц федералон программæ «Уæрæсейы Федерацийы адæмæн коммуналон лæггæдтæй пайда кæнынæн æмбæлгæ уавæртæ саразын» – мæ гæсгæ. Сентябры кæронмæ Æрæфы æмæ Дыгуры районты цæрджытæ хъуамæ уой донæй æххæст, куыстытæ уæдмæ конд фæуыдзысты. Æрæфы районы ма фарстайаг у Лескенмæ дондзæуæн системæ. Цыколайы та æххæст кæнынц æндæр программæ. Ам хъуамæ суа рæсугъддæр æмæ æнцондæр архайд. Ныртæккæ дзы аив кæнынц дыууæ фæзы. Иу – сæйраг стадионы раз, иннæ та культурæйы Галуаны цур. Кусджытæ ивынц фæндаг, æвæрынц бандæттæ æмæ рухсгæнæнтæ. Объекттæ экплуатацийы ратдзысты сентябры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania