филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:02 вторник, 21 мая 2024
07 июля 2023, 11:54
Æрдз æмæ арвы сыгъдæгдзинадыл кусы Æрыдоны районы ихы ныхмæ службæ

Фыццаджыдæр их æмæ тæрккъæвдатæй хъахъхъæны республикæйы хъæууонхæдзарадон зæххытæ стæй цæрæн хæдзæрттæ

Æрдз æмæ арвы сыгъдæгдзинадыл кусы Æрыдоны районы ихы ныхмæ службæ. Фыццаджыдæр их æмæ тæрккъæвдатæй хъахъхъæны республикæйы хъæууонхæдзарадон зæххытæ стæй цæрæн хæдзæрттæ. Ацы хъуыддаджы пайда кæнынц сæрмагонд ракетæтæй. Æппæт хъуыддæгтæ базоныныл бацархайдта не сфæлдастыдон къорд, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Куыд базонæн ис, кæм æмæ кæд уыдзысты тæссаг мигътæ, уыцы фарстатæ иууылдæр зоны ихы ныхмæ цæгатирыстойнаг службæйы къорды разамонæг Светлана Ушакова. Мигътæн аргъ кæнынц 4 къæпхæнмæ гæсгæ. Æмæ цас уæлдæр къæпхæн уа, уыйас вæййынц тæссагдæр.

Фæлæ тæссаг мигътыл ахадын алкæд нæ бантысы. Нæ республикæйы ис, æвналæн цы бынæттæм нæй, ахæмтæ. Уыцы бынæттæ сты аэропорты æмæ адæмы цæрæнбынæтты сæрмæ.

Специалистты бæстыхайы сæрыл æвæрд ис сæрмагонд æххуысгæнæг. Уый руаджы афойнадыл базонынц, боныхъæд ивын куы райдайы, уæд. Цæгат Ирыстоны ихы ныхмæ службæйы хайады сæргълæууæг Хохойты Руслан куыд зæгъы, афтæмæй нæ республикæйы æвæрд ис 15 мигътæ иуварс кæныны фæрæзы.

Синоптикты хатдзæгтæм гæсгæ Цæгат Ирыстоны æппæтæй фылдæр фæуары июны. Фæлæ ацы аз цы æруарыд, уый нормæйæ фылдæр нæ уыд. Хæстæгдæр рæстæг, синоптиктæ куыд зæгъынц, афтæмæй кæсдзæн хур. Фæлæ бæлвырдæй зæгъæн нæй, регионы уарынтæ кæй нæ уыдзысты, уый дæр.

Их æмæ тæрккъæвдатæй тæссаг рæстæг нæ республикæйы ахæсдзæн 1-æм октябры онг. Цæмæй æрдзон фыдбылызтæй афоныл нæхи бахъахъхъæнæм, уый тыххæй бæстон цæстдард хъуамæ цæуа циклонмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania