филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:53 суббота, 27 апреля 2024
27 марта 2024, 11:57
Æрдзон зынгсирвæзтытæ хуыссын кæныны фарстатыл Дзанайты Барис æдзырдта дзуапдæттæг оргæнты минæвæрттимæ

Æнæнхъæлæджы цауты министрады республикон управленийы хицау Александр Хоружий фехъусын кодта, зынгсирвæзтытæ хуыссын кæныныл æнæнхъæлæджы цауты министрад архайы æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрадимæ иумæ

Æрдзон зынгсирвæзтытæ хуыссын кæныны фарстатыл Дзанайты Барис æдзырдта дзуапдæттæг оргæнты минæвæрттимæ. Æнæнхъæлæджы цауты министрады республикон управленийы хицау Александр Хоружий фехъусын кодта, зынгсирвæзтытæ хуыссын кæныныл æнæнхъæлæджы цауты министрад архайы æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрадимæ иумæ. Уæвгæ, ацы хъуыддагмæ хъуамæ  цæстдард цæуа куыд хицауады рдыгæй, афтæ районты разамонджыты рдыгæй дæр. Уæлдайдæр та зынгсирвæзтытæй тæссаг сезоны рæстæг хъуамæ æрвылбон цæуа мониторинг.  Уый хъыгъд, хорз уаид, æппæт мадзæлттæн дзуапп чи дæтдзæн, ахæм сæрмагонд оргæн нысангонд куы æрцæуид, уæд. Ныртæккæ ныхас цæуы ууыл, цæмæй, республикæ æнæнхъæлæджы цаутæй хъахъхъæныны центр суа æххæстгæнæн хицаудзинады оргæн. Уый фæстæ, æрдзон зынгсирвæзтытæ хуыссын кæныны фарста лæвæрд æрцæудзæн йæ бæрны.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania