филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:36 среда, 01 мая 2024
28 октября 2021, 14:13
Æрфысты фæтк афоныл æххæстгонд цы регионты нæ цæуа, уыдоны ма йæ адарддæр кæндзысты къуырийы æмгъуыдмæ

Цæгат Ирыстоны цæрджытæ та, анкетæтæ баххæст кæныны тыххæй арæхдæр пайда кæнын райдыдтой паддзахадон лæггæдты порталæй

Æрфысты фæтк афоныл æххæстгонд цы регионты нæ цæуа, уыдоны ма йæ адарддæр кæндзысты къуырийы æмгъуыдмæ. Цæгат Ирыстоны цæрджытæ та, анкетæтæ баххæст кæныны тыххæй арæхдæр пайда кæнын райдыдтой паддзахадон лæггæдты порталæй. Уæрæсейы Хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Андрей Белаусовы разамындæй арæзт æрцыди æппæтуæрæсеон æрфысты фарстаты фæдыл къамисы æмбырд. Видеобастдзинады фæрцы конференцийы архайдта Дзанайты Барис дæр. Премьер министр куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны ис æппæт фадæттæ æмæ уавæртæ, æрфыст æмбæлгæ домæнтæм гæсгæ скæнынæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ кампани цæуы æнæкъуылымпыйæ. Цæрджытæй бирæтæ равзарынц нымæцон формат. Уый у бирæ хуымæтæгдæр. Абоны онг уал республикæйы бацархайдтой 193 мин адæймаджы. Уый у 28%. Æдæппæтæй та республикæйы цæры 690 мины 5 сæдæ адæймаджы. Андрей Белоусов бадомдта, æрфысты рæстæг ковиды ныхмæ домæнтæ æххæст кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania