филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:02 воскресенье, 19 мая 2024
28 ноября 2023, 12:18
Æрвылкъуырион аппаратон æмбырды дæр ныхас цыди æрдзон фыдбылызы фæстиуджытыл

Сергей Меняйло профилон ведомствæтæн æмæ районты сæргълæуджытæн бахæс кодта, цæмæй цыбыр рæстæгмæ бацархайой уавæр сраст кæныныл

Æрвылкъуырион аппаратон æмбырды дæр ныхас цыди æрдзон фыдбылызы фæстиуджытыл. Сергей Меняйло профилон ведомствæтæн æмæ районты сæргълæуджытæн бахæс кодта, цæмæй цыбыр рæстæгмæ бацархайой уавæр сраст кæныныл. Цæрæнуæтты-коммуналон министрад мониторинг скодта коммуналон инфраструктурæйæн æмæ аварион объекттæн. Республикæйы сæргълæууæг бахæс кодта, цæмæй бæлвырд æмгъуыдмæ аргъ скæной æрдзон фыдбылызæн, фыццаджыдæр се ргом аздахой, дымгæ цы социалон объектты хи хæдзæртты сæртæ ныппырх кодта, уыдонмæ. Уымæй уæлдай, æмбырды архайджытæн загъта, ацы азы 25-æм декабрьмæ медицинон æмæ социалон куыстуæтты электрон тыхдæттæг хæдзарæдтæ республикæйы исбонмæ радтын, цæмæй уый фæстæ фидаргонд æрцæуой куыстуат «Аланияэнергосеть»-мæ.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania