филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:28 вторник, 30 апреля 2024
01 апреля 2021, 13:54
Æрыдоны районы дарддæр цæуынц Мичурины иувæрсты чи цæудзæн, уыцы фæндаджы арæзтад

Йæ дæргъ у 5 мины æмæ 6 сæдæ метры

Фæндаггон змæлды æдасдзинады тыххæй, республикæйы фæндæгты хæдзарады комитет ныр цалдæр азы æххæст кæны сæрмагонд куыстытæ. Бæлвырддæр та аразынц, иувæрсты чи цæудзæн, ахæм фæндæгтæ. Ацы программæ царды æххæстæй куы рацæуа, уæд транзитон транспорт рацæудзæн горæттæй æмæ хъæутæй. Уыимæ та, фæкъаддæр уыдзысты фæндаггон фыдбылызтæ, стæй фæхуыздæр уыдзысты экологийы уавæр æмæ транспортæй пайда кæныны экономикон бæрæггæнæнтæ. Фæндæгты хæдзарады комитеты заказмæ гæсгæ, Æрыдоны районы дарддæр цæуынц Мичурины иувæрсты чи цæудзæн, уыцы фæндаджы арæзтад. Йæ дæргъ у 5 мины æмæ 6 сæдæ метры. Арæзт цæуы æппæт нырыккон домæнтæ æххæстгæнгæйæ. 1-аг категорийы уаццагы скодтой 8 аразгæ конструкцийы æмæ Фыййагдоны цæугæдоны сæрты хид. Объекты куыстытæ æххæст кæнынц «Дагспецстройсервис»-ы специалисттæ. Куыстыты хæрзхъæддзинадæн аргъ кæнынц хæдбар лабораторийы минæвæрттæ æмæ республикæйы фæндæгты хæдзарады комитеты специалисттæ. Ныртæккæ уал аразджытæ æвæрынц фæндаджы бынты цы хæтæлтæ цæудзысты, уыдон, фæндаг æмбæрзынц сæрмагонд æрмæгæй, стæй бæлццæтты æнцойдзинадæн скодтой, арæзтадон куыстыты рæстæг машинæтæ кæуылты цæудзысты, ахæм рæстæгмæйы фæндаг. Фыццаградон куыстытæн уал сæххæст кодтой сæ 70%. Хæстæгдæр бонты та бавналдзысты хиды конструкцимæ. Уыдон ныридæгæн баластой арæзтадон фæзмæ. Майы та фæнд кæнынц фæндаджы хицæн хæйттыл асфальт сæвæрын. Рагагъоммæ бæлвырдгонд пъланмæ гæсгæ куыстытæ фæуыдзысты иннæ аз.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania