филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:09 вторник, 30 апреля 2024
16 апреля 2024, 11:51
Афæдзы райдианæй нырмæ Цæгат Ирыстоны медицинон куыстуæттæм джыбыты хæцтимæ æххуысагур æрбацыди 10 адæймаджы

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодтой фæлхасадмæ цæстдарды управленийы специалисттæ

Афæдзы райдианæй нырмæ Цæгат Ирыстоны медицинон куыстуæттæм джыбыты хæцтимæ æххуысагур æрбацыди 10 адæймаджы. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодтой фæлхасадмæ цæстдарды управленийы специалисттæ. Сергей Меняйло фæсидт ведомствæмæ, цæмæй джыбытæй тæссаг сезоны адæмимæ кæной æмбарынгæнæн куыст. Бæлвырд хæстæ республикæйы сæргълæууæг радта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæнæн. Сергей Меняйло загъта, цæмæй ведомствæ йæ цæст дара æнæнхъæлæджы цауты тыххæй хъусынгæнинæгтæм, уыдон арæх вæййынц интернет тыгъдады, уымæ гæсгæ йæ хъæуы мониторинг кæнын. Уымæй уæлдай, æмбырды ныхас цыди Арвыкомы фæндагыл уæзласæн машинæтæ кæй æмбырд кæны, ууыл. Мидхъуыддæгты министрады сæргълæууæг бахæс кодта куыст афтæ саразын, цæмæй республикæйы фæндæгтыл машинæты рад ма уа.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania