филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:21 пятница, 03 мая 2024
28 марта 2023, 11:24
Афæдзы райдианæй республикæйы цæугæдæттæм рауагъдтой æргъайы сæдæгай мин кæсаджы

Ацы хуыз у зынаргъдæртæй иу

Афæдзы райдианæй республикæйы цæугæдæттæм рауагъдтой æргъайы сæдæгай мин кæсаджы. Ацы хуыз у зынаргъдæртæй иу. Йæ популяци къаддæр кæны. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, аразгæ хуызы кæсаг ног кæнын у, ахадгæдæр мадзæлттæй иу. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ацы кæсаг ардыгæй ныхæццæ уыдзæн Хъаспийы денджызмæ. Уыцы хъуыддаг тагъд нæ сæххæст уыдзæн, фæлæ сæйрагдæр у, æргъай хъæддаг æрдзмæ цæттæ кæй у, уый. Кæсаджы схастой Æрыдоны заводы. Хъаспийаг æргъайы популяци сног кæнын у зын æмæ дæргъвæтин процесс, зæгъынц специалисттæ. Райдайы йæугæфы гуырдз бауадзынæй. Сæвæрынц æй инкубацион аппаратты. Уым æй фæдарынц мæй.

Дарддæр кæсæгты ауадзынц, цæмæй ахуыр кæной сæхицæн хойраг агурын. Цасдæр рæстæг куы рацæуы, уæд сæ раивынц бассейнмæ, цæмæй фидардæр кæной æмæ дарддæр рæзой. Кæсæгты уæз 5 граммæй фылдæр куы свæййы, уæд сæ рауадзынц сыгъдæг донæй дзаг сæрмагонд къанаутæм. Гом денджызмæ рацæуынмæ æргъайы æрыгон фæлтæр цæттæ вæййы, алкæцы кæсаджы уæз дæр æппынкъаддæр 20 граммы куы  суа, уæд. Æрвылаз паддзахадон хæслæвæрдмæ гæсгæ завод схæссы 280 мин кæсаджы.

Хъаспийаг æргъай у Сырх чиныгмæ хаст. Заводы специалисттæ цы куыст кæнынц, уый æххуыс кæны Уæрæсейы донуатты кæсæгты алы хуызтæ бахъахъхъæнын.

Кæсаг ахæм хуызы ног кæнын у, популяци ма фесафыны ахадгæдæр мадзæлттæй иу, зæгъынц эксперттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania