филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:14 суббота, 18 мая 2024
07 марта 2023, 12:03
Афтæ схонæн ис, 50 азы онг йæ курдиат æнæвгъауæй сывæллæттæн чи лæвар кæны, уый – Къуымæллæгкаты Терезæйы

Йæ дæсныйады руаджы фæндырæй æмæ балалайкæйæ цæгъдыныл сахуыр сты канд Хъахъхъæдуры нæ, фæлæ ма хæстæгдæр хъæуты сабитæ дæр

Фæлмæн зæрдæйы хицау. Афтæ схонæн ис, 50 азы онг йæ курдиат æнæвгъауæй сывæллæттæн чи лæвар кæны, уый – Къуымæллæгкаты Терезæйы. Йæ дæсныйады руаджы фæндырæй æмæ балалайкæйæ цæгъдыныл сахуыр сты канд Хъахъхъæдуры нæ, фæлæ ма хæстæгдæр хъæуты сабитæ дæр. Йæ хъомылгæнинæгтимæ архайы, цæмæй нæ ирон фæндыры зæлтæ фылдæр адæм фехъусой, ууыл. Куыд сын æнтысы, уый тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ.

Афтæ Къуымæллæгкаты Терезæ 50 азы онг сывæллæтты ахуыр кæны национ инструменттыл цæгъдыныл. Бытахъаты Мæдинæйæн йæ бæллиц уыд фæндырæй цæгъдын сахуыр кæнын. 3 азы размæ æрбацыд Терезæмæ. Райдыдта æнцон аккордтæй, ныридæгæн та цæгъды кæстæр инструменталон къордæн. Нæ фыдæлты кадджын инструментыл сахуыр кæныны тыххæй æрбацæуы æндæр хъæу – Кæрдзынæй. Æрæджы йын балхæдтой ног фæндыр. Æмæ кæд зынаргъ уыд, уæддæр Мæдиæйы нана Зойæ зæгъы – «Фæндырдзагъдмæ хъусгæйæ адæймагæн йæ фæллад фесæфы».

Авивадон куыст кæнын Терезæйы сразæнгард кодтой йæ бинонтæ. Йæ сабибонтæй фæстæмæ уыдта, йæ мад æмæ йе фсымæр куыд цæгъдынц, уый. Кæд музыкалон дæсныйад нæ райста, уæддæр ног цагъд ахуыр кæнгæйæ æххуысмæ цыд хъуыстгонд фæндырдзæгъдджытæм.

Кæд сывæллæттæн æргом кодта фæндыры сусæгдзинæдтæ, уæд йæ цоты цоты та ахуыр кодта балалайкæйæ цæгъдыныл.

Æмæ уыцы инстурменталон ансамбль «Амонд» хуымæтæджы нæ хуыйны. Йæ алы архайæг дæр цы ног цагъд базоны, уый боны кæрон ацæгъды йæ бинонтæн, цæмæй ирон зæлтæм хъусгæйæ сæ фæллад ферох кæной, уый тыххæй. Уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, æцæг амондыл нымад у.

Ансамблæн ис бирæ хæрзиуджытæ. Архайдтой куыд нæхи республикон ерысты, афтæ æндæр горæтты дæр. Ныридæгæн 3 мæймæ сæ дæсныйад равдыстой конкурстæ «Молодость Осетии» æмæ «Пой фæндыр»-ы. Кæй зæгъын æй хъæуы, уым дæр сын скодтой аккаг аргъ æмæ семæ сластой хæрзиуджытæ.

Инструменталон ансамблы къордмæ фидæнмæ ис бирæ фæндтæ æмæ нысантæ. Архайынц, цæмæй нæ ирон фæндыры зæлтæ фылдæр адæм фехъусой, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania