филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:12 понедельник, 06 мая 2024
18 февраля 2021, 12:20
Ахуырадон организацитæ хъахъхъæнæн системæйæ ифтонг кæнын ныхас цыди Битарты Вячеслав разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы æмбырды

Ацы аз се ппæт муниципалитеттæ дæр фæнд кæнынц хи хъахъхъæнæн куыстуæттимæ бадзырдтæ бафыссын

Фæсивæдимæ профилактикон куыст кæнын, ахуырадон организацитæ хъахъхъæнæн системæйæ ифтонг кæнын, базарадон æмæ хъæууонхæдзарадон объектты антитерраристон системæ æмбæлгæ æмвæзадыл скæнын. Ацы æмæ æндæр фарстатыл ныхас цыди Битарты Вячеслав разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы æмбырды. Нациты ахастдзинæдты фæдыл мининистр Цуциты Аслан куыд загъта, афтæмæй паддзахадон æххуысы фæрцы, 2020-æм азы бакуыстой бирæ хъуыддæгтыл, уæлдайдæр та фæсивæдимæ. Бæлвырддæр та сæм фидар удыхъæд рæзын кæнын, цæмæй сæ зианхæссæг фæзындтæм ма разæнгард кæной, уый тыххæй. Афæдзы дæргъы цы мадзæлттæ арæзт цыди, уыдонмæ хуыдтой адвокатты, юристты, психологты. Антитеррористон къамис йæ цæст дары  ахуырадон объектты хъахъхъæнынадмæ дæр. Антитерраристон къамисы аппараты разамонæг Олег Баранов куыд радзырдта, афтæмæй ацы аз се ппæт муниципалитеттæ дæр фæнд кæнынц хи хъахъхъæнæн куыстуæттимæ бадзырдтæ бафыссын. 1-æм сентябрьмæ уыцы фарста лыггонд æрцæудзæни. Бæстонæй æрдзырдтой базарадон æмæ хъæууонхæдзарадон объектты фарстайыл дæр.  Экономикон рæзты министрад тыхы ведомствæтимæ иумæ кæнынц ахадгæ куыст, ацы бынæтты паспортизаци. Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой фæлладуадзæн бонты æмæ бæрæгбæтты хъахъхъæнынады фарста цы æмвæзадыл ис, ууыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania