филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:54 понедельник, 06 мая 2024
02 марта 2021, 14:00
Ахуырады, социалон æххуысы æмæ культурæйы къабазы проекттыл æрныхас кодтой республикæйы хицауады æмбырд

Афтæ Цæгат Ирыстоны снысан кæндзысты скъолайы агъоммæйы ахуырады регионалон информацион системæ

Ахуырады, социалон æххуысы æмæ культурæйы къабазы проекттыл æрныхас кодтой республикæйы хицауады æмбырды. Афтæ Цæгат Ирыстоны снысан кæндзысты скъолайы агъоммæйы ахуырады регионалон информацион системæ. Уый фæдыл бæлвырд ивддзинæдтæ хаст æрцыдысты федералон, фæстæдæр та регионалон закъонтæм. Ахæм бартæ æвæрд æрцыдысты ахуырады министрадæн. Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз куыд радзырдта, афтæмæй, паддзахадон программæты æмæ национ проектты архайгæйæ, бантыст стыр куыст бакæнын. Бæлвырддæр та фæфылдæр сты рæвдауæндæтты бынæттæ, бакусын ма хъæуы ацы къабазы лæггæдты хæрзхъæддзинадыл. Ивддзинæдтæ хаст æрцыдысты, социалон контракты бындурыл цы фиддонтæ кæнынц, уыдоны фæткмæ дæр. Фæллойы æмæ социалон рæзты министр куыд фехъусын кодта, афтæмæй уый хауы амалхъом адæммæ, стæй хи хæдзарад чи байгом кодта, уыдонмæ. Премьер куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы проектæн нæ республикæйы ис стыр ахадындзинад.
Хицауады æмбырды ма хорзыл банымадтой, республикæйы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады резервон фондæй фæрæзтæ дих кæныны хъуыддаг. Афтæ Горæтгæрон районæн ратдзысты 200 мин сомы. Уыдонæй хъæддзаумайæ æмæ кусæнгæрзтæй сифтонг кæндзысты Архонкæйы 1-æгæм скъолайы физкультурæйы ахуыргæнджыты кабинет. Алагиры район та йæ зæрдæ дары 150 мин сомыл. Уыдонæй районы центрон библиотекæйæн самал кæндзысты аивадон литературæ. Тускъаты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ хъæуы куыстуæтты информатизацийы фарстатыл бакусын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania