филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:40 четверг, 02 мая 2024
05 октября 2022, 11:18
Ахуыргæнæджы боны кадæн сывæллæтты театр «Саби»-йы арæзт æрцыд кадджын мадзал

Педагогтæн раарфæ кодтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло стæй ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ

Ахуыргæнæджы боны кадæн сывæллæтты театр «Саби»-йы арæзт æрцыд кадджын мадзал. Сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл педагогтæн раарфæ кодтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло стæй ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Сæ куысты сгуыхтдзинæдты æмæ профессионалон архайды фæдыл нæ республикæйы сгуыхт ахуыргæнæджы ном лæвæрд æрцыд 12 педагогæн. Уымæй дарддæр Цæгат Ирыстоны ахуырады сгуыхт кусæджы ном амæй фæстæмæ кадимæ хæсдзысты 5 адæймаджы.

Йæ арфæйы ныхæсты Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй ахуыргæнæджы фæллойæн аккаг аргъ скæнын зын у. Регионы разамонæг фæсидт ахуырады министрмæ, цæмæй бæстон бакусой ахсджиаг фарстайыл. Бæлвырддæр та – цæмæй сгуыхт ахуыргæнджыты уæлдай гæххæттытимæ кусын мауал хъæуа, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania