филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:48 воскресенье, 05 мая 2024
30 января 2024, 12:06
Алагиры 5-æм скъолайы уыд Лæгдзинады урок

Ахуырдзаутимæ сæмбæлдысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ хæстон цауты ветерантæ

Алагиры 5-æм скъолайы уыд Лæгдзинады урок. Ахуырдзаутимæ сæмбæлдысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ хæстон цауты ветерантæ. Рæзгæ фæлтæрæн радзырдтой, сæрмагонд операцийы, патриотизмы æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ цæттæ уæвын кæй хъæуы, уый тыххæй. Скъоладзаутæ лæвæрдтой фæрстытæ. Урочы программæйы ма уыд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæимæ баст экспозицимæ æркаст. Цæугæ равдыст равæрдтой скъолайы спортивон залы. Ахуырдзаутæ федтой хæцæнгарзы хуызтæ, хæрзиуджытæ æмæ хæстон уæлæдарæс. Мадзал арæзт æрцыд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æххуысæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania