филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:53 вторник, 07 мая 2024
05 июля 2023, 11:44
Алагиры районы арæзт æрцыдысты авиамодельтæ аразыны спортæй ерыстæ

Сæ дæсныдзинад равдисынмæ нæ республикæмæ æрбацыдысты ерысгæнджытæ Кæсæг-Балхъарæй, Санкт-Петербургæй, Дзержинскæй – æдæппæтæй 70 адæймаджы

Алагиры районы арæзт æрцыдысты авиамодельтæ аразыны спортæй ерыстæ. Сæ дæсныдзинад равдисынмæ нæ республикæмæ æрбацыдысты ерысгæнджытæ Кæсæг-Балхъарæй, Санкт-Петербургæй, Дзержинскæй – æдæппæтæй 70 адæймаджы. Цы модельтæ равдыстой, уыдон æппæт дæр конд сты къухæй. Алкæмæдæр сæ ис хицæн домæн — хъуамæ уæлдæфы бафæрæзтаиккой 3 минуты бæрц. Алы спортсменæн дæр лæвæрд цыди 7 фæлтæрæны. Ерысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ сбæрæг, Уæрæсейы турнирмæ чи ацæудзæн, уыдон. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Тæрхонгæнæджы командæмæ гæсгæ ерыстæ райдыдтой. Фæлтæрдджын авиамоделист Виктор Малютин ацы спорты хуызæй архайы 54 азы. Нырма сывæллонæй æрбацыд æвзонг техникты станцæмæ. Фæстæдæр акуыста æцæг хæдтæхджытимæ дæр. 13 азы уыд граждайнаг пилот. Фæлæ уæддæр йæ зæрдæ баст у модельтæ аразынимæ, зæгъы нæлгоймаг. Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт нæй. Ам ма архайдта ерысты.

Виктор Малютин ма у уæлæмхасæн ахуырады педагог. Краснодары крайы байгом кодта секци. Æппæтуæрæсеон ерыстæм ссыд йæ ахуырдзаутимæ. Уыдонæй иу у Захар ИщИмцев. Ацы спортмæ йæ æрбакодтой йæ ныййарджытæ, фыццаг йæхи нæ фæндыд, фæлæ фæстæдæр йæ хъуыды аивта. Æмæ ныридæгæн, æвзонг лæппу уæвгæйæ, Захар зоны, фидæны цы кусдзæн, уый.

Æппæтуæрæсеон ерыстæ уыдысты 2 хыгъдмæ гæсгæ: æвзонг архайджыты æмæ хистæрты *хсæн. Сæйраг домæн – модель уæлдæфы хъуамæ фæлæууа 3 минуты. Алы спортсменæн дæр лæвæрд вæййы 7 фæлтæрæны. Сæ хатдзæгтæ сын бафтауынц æмæ сбæрæг кæнынц иумæйаг балл. Уæлдæфы тæхыны рæстæгæй уæлдай ма, аргъ кæнынц авиамодельты тагъдадæн, стæй куыд дард тæхынц, уымæн.  Алы архайæг дæр йæ модель йæхæдæг сæмбырд кæны.

Æдæппæтæй ерысты архайдта 30 адæймагæй фылдæр бæстæйы 5 регионæй. Авиамоделон спорты федерацийы республикон хайады куыд загътой, афтæмæй спорты ацы хуыз Цæгат Ирыстоны парахатдæр кæны.

Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ сбæрæг уыдзысты, Уæрæсейы иугонд командæйы хыгъдмæ чи бацæудзæн, уыцы спортсментæ. Уæлахиздзаутæ ма райсдзысты спорты мастертæм кандидатты разрядтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania