филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:01 пятница, 17 мая 2024
01 сентября 2022, 12:02
Алагиры районы дарддæр цæуы Садоны зды æмæ цинчы комбинаты музейы рацарæзт

Кæддæр æй хуыдтой кусæг кадрты æрмадз

Алагиры районы дарддæр цæуы Садоны зды æмæ цинчы комбинаты музейы рацарæзт. Кæддæр æй хуыдтой кусæг кадрты æрмадз. Куыстой дзы алы адæмыхæттыты минæвæрттæ. Музейы комплекс байгом кодтой 2004-æм азы. Уæд куыстуатыл сæххæст 150 азы. Бахастой йæм архивон хуызистытæ, шахтертæ цæмæй пайда кодтой, ахæм инструменттæ. Уымæй дарддæр ирон адæмы рагон цардыуаджы мигæнæнтæ æмæ æндæр цымыдисаг экспонаттæ. Бæстыхай уыд кæлæддзаг уавæры. Йæ сæрæй тагъди, къултæ та схъуына сты. Алцыдæр баивдзысты æххæстæй, баззайдзæн ма æрмæст йæ каркас. Саив кæндзысты йæ алфамбылай территори дæр. Аразджытæ ныридæгæн бакодтой стыр куыст. Рацарæзт нысан кæнынц ацы азы кæронмæ фæуын. Уымæн радих кодтой 8 милуан сомы федералон æмæ республикон бюджеттæй. Музей байгом кæныны мадзал баст уыдзæн республикæйы автономийы 100 азы бонимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania