Уый тыххæй сæрмагонд æмбырды фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны наркотикты ныхмæ къамисы аппараты разамонæг Луиза Лебедева
Алагиры районы наркотикты æнæзакъон зилдухимæ баст фыдракæндтæ фæкъаддæр сты 38 проценты. Уый тыххæй сæрмагонд æмбырды фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны наркотикты ныхмæ къамисы аппараты разамонæг Луиза Лебедева. Мадзал баст уыд наркоманийы риссаг фарстатимæ фæсивæды æмæ рæзгæ фæлтæры хсæн. Архайдтой дзы республикæйы Парламенты депутаттæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, активисттæ æмæ скъоладзаутæ. Фембæлды куыд загътой, афтæмæй бакусын хъæуы цалдæр къабазмæ гæсгæ. Ахсджиагдæртæй иу у профилактикæ. Ацы хъуыддаджы Алагиры район у раззагдæртæй иу. Сæ фæлтæрддзинад наркотикты æнæзакъон зилдухы ныхмæ фарстайы фæдыл апарахат кæнын фæнд кæнынц иннæ районты дæр. Абон Алагиры низ «наркомани»-имæ хыгъды ис 118 адæймаджы.




