филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:16 суббота, 27 апреля 2024
20 сентября 2021, 11:48
Алагиры районы Паддзахадон думæмæ æвзæрстытæй дарддæр адæм æвзæрстой Муниципалон сконды минæвæртты

Уыналы та амæй фæстæмæ уыдзæн ног сæргълæууæг

Алагиры районы Паддзахадон думæмæ æвзæрстытæй дарддæр адæм æвзæрстой Муниципалон сконды минæвæртты. Уыналы та амæй фæстæмæ уыдзæн ног сæргълæууæг. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Бюллетеньтæ нымайæн автоматикон фæрæз алкæмæн дæр бацамондзæн, системæйымæ куыд архайын хъæуы, уый. Куы бахъæуа, уæд æвзарæгмæ фæкæсдзæн  æвзарæн хайады уæнг. Алагиры районы кусынц æртын æвзарæн пункты. Æппæты бæрнондæр æвзарджытæ хайадмæ æрбацыдысты æвзæрстыты  фыццаг бон.

Эпидемиологон домæнтæ нымайгæйæ æвзарæн хайæдты æххæст кæнынц æппæт санитарон домæнтæ. Адæмæн барынц сæ буары тæвд, дæттынц сын хи бахъахъхъæныны фæрæзтæ æмæ хицæн фыссæнгæрзтæ. Уымæй уæлдай æвзарджытæй курынц, цæмæй дуары æмбæрзæнмæ æнæхъуаджы ма вналой – æдасдзинады тыххæй. Сæ куыст кæнынц сæрмагонд хæххытæ дæр.

Æхсæнадон цæстдарджытæ кæсынц æвзæрстыты цыдмæ. Ныммыхуыр сын кодтой сæрмагонд чингуытæ – уым фыссынц сæ фиппаинæгтæ. 

Районы æрмæст Паддзахадон Думæмæ депутатты не взарынц. Зæгъæм, Уыналы равзардзысты хъæуыхицау. Официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ Уыналы цæры сæдæ фæндзай адæймаджы, фæлæ æцæгæй та дыууæ хатты къаддæр. Фæлæ уæддæр æвзæрстытæ цæуынц, куыд æмбæлы, афтæ. Бынæттон цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй хъæубæсты ис бирæ риссаг фарстатæ. Цæмæй адæм æндæр рæттæм ма лидзой, уый тыххæй хъæуы скæнын хорз уавæртæ.

Æртæ боны дæргъы адæмæн уыдис гæнæн æмæ амал рæстæг ссарын æмæ сæ граждайнаг ахастдзинад равдисын. Йæ бон участокмæ æбацæуын кæмæн нæу, уыдонмæ та цæуынц сæ хæдзæрттæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania