филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:19 вторник, 30 апреля 2024
30 марта 2021, 12:02
Алагиры районы сæргълæууæг Бутаты Арсен дзуапдæттæг доклад скодта Тускъаты Таймуразæн

Бæстон æрлæууыди ивгъуыд азы куысты хатдзæгтыл, бæлвырддæр та 2020-æм азы районы социалон-экономикон уавæр куыд аивта, стæй фидæнмæ нысанты тыххæ

Алагиры районы муниципалон сконды сæргълæууæг Бутаты Арсен дзуапдæттæг доклад скодта республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймуразæн. Бæстон æрлæууыди ивгъуыд азы куысты хатдзæгтыл, бæлвырддæр та 2020-æм азы районы социалон-экономикон уавæр куыд аивта, стæй фидæнмæ нысанты тыххæй. Стыр æргом аздæхтой агропромышленнон комплексы рæзты фарстатæм, национ проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц ахуырады, культурæйы æмæ спорты къабæзты. Районы сæргълæууæг радзырдта ивгъуыд аз æмхæццæ бюджет куыд схардз кодтой, уый тыххæй. Тускъаты Таймураз бахаста фæндон, инвестицион архайдæн бæстон анализ скæныны тыххæй. Ома зæххыты арендатортæ хъæуты рæзтмæ цавæр æвæрæн хæссынц, уый. Хъуамæ уымæй арæзт цæуа районы социалон-экономикон рæзт. Уыимæ канд Алагиры нæ. Чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинады рæзт дæр банымайæн ис хорзыл. Уæлдай æргом ма аздæхтой национ проекттæ æххæст кæнынмæ. Бутаты Арсен загъта район æнтыстджынæй кæй архайы цалдæр проекты. Тускъаты Таймураз раарфæ кодта Алагиры районы разамонæгæн, йæ куыстмæ бæрнон цæстæй кæй кæсы, уый тыххæй, æмæ йын йæ зæрдæ загъта ног æнтыстдзинæдтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania