филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:44 пятница, 19 июня 2026
04 февраля 2025, 10:42
Алагиры районы уыд Парламенты Советы цæугæ æмбырд

Депутаттæ, сæ сæргъы Тускъаты Таймураз, афтæмæй, бабæрæг кодтой цалдæр объекты

Алагиры районы уыд Парламенты Советы цæугæ æмбырд. Депутаттæ, сæ сæргъы Тускъаты Таймураз, афтæмæй, бабæрæг кодтой цалдæр объекты. Æмбырды та æрныхас кодтой Алагиры социалон-экономикон райрæзты ивгъуыд азы хатдзæгтыл, снысан кодтой ацы азмæ нысантæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Алагиры районы стырдæр скъолатæй иу абон сæрыстыр у æрмæст йæ рауагъдонтæй нæ, фæлæ нырыккон уавæртæй дæр. Ифтонг кабинеттæ, уæрæх спортзал, хи IT-куб… Тускъаты Таймураз сын аргъ скодта Парламенты Советы рацæугæ æмбырды рæстæг. Сæрмагонд æргом аздæхта нымæцон ахуырады центрмæ. Ам æххæстгонд цæуынц программæтæ 6 къабазмæ гæсгæ.

Парламентаритæ бабæрæг кодтой Црауы культурæйы хæдзар дæр. 2022-æм азы йæ бындуронæй сцалцæг кодтой нацпроект «Культурæ»-мæ гæсгæ. Бынæттон бюджеты хардзæй та кусæнуат сифтонг кодтой хъæугæ аппаратурæйæ, кусæнгæрзтæй æмæ сценæйы уæлæдарæсæй. Культурæйы хæдзар æнгом æмгуыстад кæны хъæуы скъолаимæ, библиотекæимæ, администрациимæ. Æдзух фæаразынц алыхуызон мадзæлттæ.

Парламентариты кусæг балц фæцис Црауы амбулаторийы. Сарæзтой йæ 30 азæй фылдæры размæ, 2021-æм азы та модернизацийы программæмæ гæсгæ объект бындуронæй цалцæг кодтой. Дохтыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй æнæмæнг хъуыдис.

Алагиры социалон-экономикон райрæзты хатдзæгтыл ивгъуыд азмæ æмæ 2025-æм азы нысантыл æрныхас кодтой Парламенты Советы æмбырды. Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй район республикæйы кæддæриддæр ахсджиаг бынат ахста.

Парламенты сæрдар куыд загъта, афтæмæй рацæугæ æмбырдтæ ма сты, æппæтæй риссагдæр фарстатæ сбæрæг кæныны фадат чи дæтты, иу ахæм фæрæз. Иууылдæр хъуамæ иуварсгонд цæуой хицауадон оргæнты иумæйаг куысты фæрцы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania