21 декабря 2021, 12:10
Алагиры скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæ тренировкæтæ скодтой зæндгонд хъæбысæйхæцджытимæ
Фембæлд арæзт æрцыд Æндиаты Сосланы номыл хъæбысæйхæцты центры хъæппæрисæй
Алагиры скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæ тренировкæтæ скодтой зæндгонд хъæбысæйхæцджытимæ. Фембæлд арæзт æрцыд Æндиаты Сосланы номыл хъæбысæйхæцты центры хъæппæрисæй. Спорты ацы хуызæй чи архайы, интернаты ахæм 13 хъомылгæнинаджы зæрдæтæ бахъæлдзæг кодтой олимпаг хъæзтыты чемпионтæ, стæй алы æмвæзады ерысты уæлахиздзаутæ. Ног азы бæрæгбоны агъоммæ сын ракодтой лæвæрттæ, хъæбысæйхæсты скъолайæн та саккаг кодтой арфæйы фыстæг, ацы фембæлд кæй сарæзтой, уый тыххæй.
темæмæ гæсгæ