28 июля 2022, 11:19
Алагиры скъолайы кæронмæ æрхæццæ грантон проект «Бинонты æрмадз»
Ахуыры азы скъолайы бындурыл куыстой проекты 2 хайы – хуыйæн æрмадз æмæ хъæддæсныйы хъуыддаг
Алагиры 3-æм скъолайы кæронмæ æрхæццæ грантон проект «Бинонты æрмадз». Йæ автор у Дзадзайты Артур. Ахуыры азы скъолайы бындурыл куыстой проекты 2 хайы – хуыйæн æрмадз æмæ хъæддæсныйы хъуыддаг. Сывæллæттæ сæхи къухтæй цы дзауматæ скодтой, уыдон лæвæрд æрцыдысты 3-æм сывæллæтты рæвдауæндонæн, цъиуты ахстæттæ та æрцауыгъдтой скъолайы скверы бæлæстыл. Проект фæцис сæрдыгон лагеры кæронбæттæны.