14 августа 2023, 13:15
“Алани”-йы футболисттæ сæхи бацæттæ кодтой радон хъазты размæ
Абон цæгатирыстойнаг “Барстæ” фембæлдзысты мæскуыйаг “Торпедо”-имæ
“Алани”-йы футболисттæ сæхи бацæттæ кодтой радон хъазты размæ. Абон цæгатирыстойнаг “Барстæ” фембæлдзысты мæскуыйаг “Торпедо”-имæ. Уый Футболон национ лигæйы турнирон таблицæйы ис иу рæнхъ уæлдæр. Уыимæ сын дзæуджыхъæуккæгтимæ ис æмхуызон очкотæ. Абон матч ацæудзæн Грознайы, стадион “Ахмат Арена”-йы. Хъазт райдадйдзæн 17 сахатыл. Цыппар туры фæстæ «Алани»-мæ ис 7 очкойы. Ныридæгæн рамбылдтой дыууæ хъазты. Иу хатт фæхæрд сты Тольяттийы «Акронæн». Иу фембæлд та сын ахицæн хæрæгсастæй.
темæмæ гæсгæ