филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:32 пятница, 17 мая 2024
18 июня 2019, 12:05
Аланийыл дзуæрттæ бафтауыны 1100 азы фæдыл республикæйы сцалцæг кæндзысты, культурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм 15 объектты

Уыдоны хсæн сты Мамысоны комы Тлийы хъæуы, Зручы , Æрæфы районы Уæхъæцы хъæуы мæсгуытæ æмæ Дзæуджыхъæуы рагон историон бæстыхæйттæ.

Аланийыл дзуæрттæ бафтауыны 1100 азы фæдыл республикæйы сцалцæг кæндзысты, культурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм 15 объектты. Уыдоны хсæн сты Мамысоны комы Тлийы хъæуы, Зручы , Æрæфы районы Уæхъæцы хъæуы мæсгуытæ æмæ Дзæуджыхъæуы рагон историон бæстыхæйттæ.
Уый тыххæй фехъусын кодтой, республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы разамындæй цы æмбырд уыд, уым. Куыд фæбæрæг кодтой, афтмæй Æрыдоны дины семинар, гæнæн ис, æмæ суыдзæн туристты бæстæзонæн маршруттæм æрвитыны центр. Хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ куыд фехъуысын кодта, афтæмæй сæйраг мадзæлттæй фæстæмæ ма ис уæлæмхасæнтæ дæр. Уым æргом здæхт цæуы наукæмæ, культурæмæ, спортмæ æмæ ахуырадмæ. Зæгъæм, фидæны аз арæзт æрцæудзæн æппæтадæмон конкурс нывкæнынæй, йæ темæ у «Алани – ивгъуыды сурæттæ». Культурæйы министрад федералон центримæ цæттæ кæны театрализацигонд фестиваль, 2022-æм азы та Дзæуджыхъæуы уыдзæн æппæтадæмон наукон конференци æмæ баст уыдзæн Алани æмæ Кавказы чырыстон дины историимæ. Сисдзысты документалон киноныв дæр.
Æмбырды ма ныхас цыд республикæйы архивæн ног бæстыхайы арæзтадыл, уыдзæн Чапаевы уынджы. Фæвæййы стадион «Спартачы» рацарæзты фæдыл проектон куыст дæр. Аланийыл Дзуæрттæ бафтауыны 1100 азы фæдыл арæзт уыдзысты культурон-дзыллон æмæ спортивон мадзæлттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania