Сты 30 адæймаджы – фæлтæрдджын специалисттæ æмæ студенттæ
Амайæджы дæсныйад чи равзæрста йæ царды сæйраг хъуыддагæн, уыдон систы æппæтуæрæсеон конкурс «Строймастер»-ы регионалон къæпхæны архайджытæ. Сты 30 адæймаджы – фæлтæрдджын специалисттæ æмæ студенттæ. Ерыстæ цæуынц Цæгат Кавказы арæзтадон техникумы, 5-æм профессионалон училищейы æмæ Дзæуджыхъæуы бирæвæрсыг техникумы. Бæстондæр хабæрттæ конкурсы тыххæй радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Амайыны размæ раст сызмæнтын хъæуы таддаг. Куыд æмæ цæмæй арæзт у, цас рæстæг ыл бахардз кодтой – алцыдæр у ахсджиаг. Цæмæй куыд æмбæлы, афтæ рауайа, уый сусæгдзинæдтæ зындгонд сты Цæгат-Кавказы арæзтадон техникумы 3-æм курсы студент Дзæгъиаты Азæмæтæн. Ацы конкурсы фыццаг хатт нæ архайы. Амайæджы дæсныйад райсын уыд йæ бæллиц йæ сывæллоны бонтæй. Ацы аз йæхи бæстон бацæттæ кодта, æууæнды, йæ зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинады руаджы уæлахиз йæ къухы кæй бафтдзæн, ууыл. 1-аг бынат бацахсын – у йæ нысан.
Конкурс регионалон къæпхæны архайджытæ сты куыд фæлтæрдджын специалисттæ, афтæ дæсныйады фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, ахæмтæ дæр. Студенттæн сарæзтой хицæн лигæ. Ерыс кæнынц амайджытæ, къулсæрдджытæ, æндадзджытæ, æдæппæтæй 30 адæймаджы. Бæстыхай, ифтонгæрзтæ, хæслæвæрдты рæстæг – уавæртæ архайджытæн сты иухуызон. Конкурс арæзт цæуы 2010 азæй фæстæмæ. Уæдæй нырмæ сси кусæг дæсныйæдтæ парахат кæныны æмæ æрыгæттæм арæзтадон къабазмæ цымыдисдзинад æвзæрын кæныны хъуыддаджы ахсджиаг фæзтæй иу.
Конкурс цæуы Цæгат Кавказы арæзтадон техникумы, 5-æм профессионалон училищейы æмæ Дзæуджыхъæуы бирæвæрсыг техникумы. Йæ къæпхæнтæй иу – теоретиконы – архайджытæ æвдисынц сæ профессионалон зонындзинæдтæ. Бирæтæн ерыс у хорз фадат хи равдисынæн, ныхмæллæуджыты фæлтæрддзинадимæ базонгæ уæвынæн, дæсныйады фыццаг ныфсджын къахдзæфтæ акæнынæн. Конкурсы архайд уæлдай ахсджиаг у студенттæн. Ам равдисынц сæ фæлтæрдтæ куысты бынæттæ аразджытæн. Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ уæлахиздзаутæ Цæгат Кавказы федералон зылды кад хъахъхъæндзысты Æппæтуæрæсеон къæпхæны. Ацæудзæн фæззæджы Мæскуыйы.




