филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:25 суббота, 18 мая 2024
07 июня 2019, 15:10
Анатолий Кириенко зæрдæ бавæрдта проект «Мамысон»-ы рæзтæн баххуыс кæнынæй

Компанитæ «ГудМаш» æмæ «Меркада» та цæттæ сты 9 миллиард сомы инвестицитæ бахæссынмæ.

Анатолий Кириенко зæрдæ бавæрдта проект «Мамысон»-ы рæзтæн баххуыс кæнынæй. Компанитæ «ГудМаш» æмæ «Меркада» та цæттæ сты 9 миллиард сомы инвестицитæ бахæссынмæ. Уæрæсейы Хицауады аппараты разамонæджы хæдивæг бабæрæг кодта фидæны хæххон-рекреацион курорт, æмæ скодта бæлвырд хатдзæгтæ.

Проект Мамысон хъуамæ цæттæ уа ацы азы декабрьмæ. Хæххон-рекреацион курорт дæр хъуамæ байгом кæной 2022-æм азмæ.Уый тыххæй курорты демонстрацион фæзы республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав ныхас кодта Уæрæсейы Хицауады аппараты разамонæджы хæдивæг Анатолий Кириенкоимæ. Мамысоны проектæн федералон æмæ республикон бюджеттæй дихгонд æрцыди 120 милуан сомы.

Курорты æппæты фыццаг хъуыддаг у, км онг дыууæ канатон фæндаджы, стæй 15 км къахдзоныгътыл бырыны трассæ. Уый размæ та хъуамæ уагъд æрцæуой дон, газ æмæ электрон тых. Уымæй уæлдай, æнæмæнгæй хъæуы фæндаджы арæзтад æмæ Мамысонмæ тъунелы куыстытæ кæронмæ фæуын. Курорты фыццаг фæлтæр скусынæн хъæуы 4 миллиард сомы.Анатолий Кириенко, Уæрæсейы Хицауады регионалон департаменты директор Лиана Пепеляева æмæ проектон архайды департаменты разамонæг Дмитрий Некрасов радзырдтой, хицæн инвестортæ туристон инфраструктурæйы рæзтæн цæттæ сты 9 миллиарды радтынмæ. Курорты фыццаг фæлтæрæн уыцы-иу рæстæг сæ бон суазæг кæнын уыдзæни 5 мин адæймаджы онг.

Курорты дыккаг фæлтæры та нысан кæнынц æндæр канатон фæндæгты æмæ къахдзоныгътыл бырыны трассæты арæзтад, æдæппæтæй 35 км онг. Уымæй уæлдай дзы уыдзæни ног фысымуæттæ, æмæ æндæр туристон инфраструктурæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania